Гриппы ныхмæ прививкæтæ фæнд кæнынц скæнын уæрæсейы цæрджыты 60%
Ацы аз æхнырсæджы ныхмæ прививкæтæ фæнд кæнынц фылдæр адæмæн скæнын. Федералон бюджеты фæрæзтæй ахæм медицинон æххуыс райсдзысты Уæрæсейы цæрджыты 60%-ы. Уый тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды службæйы разамонæг Анна Папова. Æхснырсæгæй фæрынчын уæлдай дæр тæссаг кæмæн у, уыдонæй та ноджы фылдæр - 75%. Вакцинацийæн ацы аз фылдæр ахадындзинад ис. Фыццаг хатт сæвзæрд тæссаг уавæр, дыууæ респираторон инфекцийы кæрæдзиимæ кæй иу кæнынц, уый тыххæй - грипп æмæ COVID-19. Дохтырты хъуыдымæ гæсгæ, афтæмæй адæймаджы æнæниздзинадæн фылдæр зиан æрхæсдзæн. Уыимæ ма, Æнæниздзинад хъахъхъæныны æппæтдунеон организацийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ацы аз тæссаг уыдзæн æхнырсæджы 3 хуызæй. Сæ ныхмæ адæймаджы иммунитет афтæ хъæддых нæу. Уый хынцгæйæ, Анна Попова фæнысан кодта, уыцы 3 хузы ныхмæ æрмæджытæ привикæйы кæй ис. Ома, хи бахъахъхъæнынæн уыдзысты пайда. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Гриппы ныхмæ прививкæтæ фæнд кæнынц скæнын уæрæсейы цæрджыты 60%
Категория:
Новости и СМИ