Заводы посёлочы скъолайы ахуырдзаутæ кадджын уавæры сбæрæг кодтой ирон æвзаг æмæ литературæйы бон
Уалдзæджы 15 майы Ирыстоны кадджын уавæры сбæрæг кæнынц Ирон æвзаджы бæрæгбон. Цалынмæ адæм сæ мадæлон æвзагыл дзурынц, уæдмæ йæ фарн цæры. Бæрæгбоны сæйраг хæс у рæзгæ фæлтæры разæнгард кæнын ирон æвзагмæ, цæмæй сывæллæттæ, мадæлон æвзагмæ уарзондзинад банкъарой. Заводы посёлочы сывæллæттæн уый æнтысы. Ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбонмæ республикæйы хъæутæ æмæ горæтты сарæзтой алыхуызон мадзæлттæ. Сæ нысан у иу — бахъахъхъæнын нæ рæсугъд мадæлон æвзаг. Заводы посёлочы 31-æм скъолайы куыд хистæртæ, афтæ кæстæртæ дæр архайынц, цæмæй ирон æвзагæн уа рæсугъд фидæн. Заводы посёлочы цæрджытæ кадджын æмæ рæсугъд бæрæгбон сарæзтой Лæгты Дзуары кувæндоны. Ацы дзуар сæм фæзынд 1984 азы. Гæгкуыты Алыксандры фырты бафæндыд йæ уарзон адæмæн ахæм хорз ракæнын. Уæдæй-абонмæ йæ цæсты гагуыйау хъахъхъæнынц цæрджытæ. Æппынæдзух сæхи бафæдзæхсынмæ æрбацæуынц ардæм. Абон дæр уæдæ фæтк нæ хæлы. Бæрæгбоны мадзæлттæ ацы бынаты хуымæтæджы скæнынвæнд не скодтой. Ахæм хуызы сæ бафæндыд ирон адæмы æвидийгæ хæзнатæ - æвзаг æмæ æгъдау, — иумæ бабæттын. Кувæндонмæ цæугæйæ фæндыр æмæ доулы цагъд иу уысммæ дæр нæ хъус кодтой. Фæндагыл цæрджытæн лæвæрдтой сæрмагонд зæрдылдарæн буклеттæ. Зæрдиаг арфæтæй рæвдыдтой кæрæдзийы. Кæстæр фæлтæрæн ацы бон сæ зæрдæ тынг æхсызгонæй агайтта, уый бæрæг уыд сæ ахастыл дæр. Ирон æвзаг сæфы, зæгъгæ, хъустыл уайы. Уыцы хъуыды хистæрты сагъæсы æфтауы. Дзуары хъæбысы сæ фæндтæ не`мбæхстой. Бæрæгбоны фæлгæты скъоладзаутæ радзырдтой ацы фарны боны равзæрды тыххæй. Сæ мадæлон æвзагыл дзырдтой æмдзæвгæтæ. Ирон кафт, зард æмæ ирон музыкалон инструменттыл цагъдæй бæркадджын уыд ацы циндзинады мадзал. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Заводы посёлочы скъолайы ахуырдзаутæ кадджын уавæры сбæрæг кодтой ирон æвзаг æмæ литературæйы бон
Категория:
Новости и СМИ