Медицинон кусджытæ исын райдыдтой фæдзæхстадон фиддонтæ
Социалон фæдзæхстады фонды регионалон хайад медицинон кусджытæн фидын райдыдта æхцайы фæрæзтæ. Ныхас цæуы ног коронавирусимæ тох кæнгæйæ чи фæрынчын, уыцы дохтыртыл. Уæрæсейы президенты бадзырдмæ гæсгæ уæлæмхасæн фиддонтæ райсын сæ бон у дохтыртæн, медицинон персонал æмæ тагъд æххуысы къаретты шофыртæн. Æхцайы фæрæзтæ райсæн ис иу-хатт æмæ сæ бæрц у 68 811 сомы. Фæдзæхстадон фиддонтæ фыст цæуынц фонды регионалон хайады, федералон бюджеты фæрæзтæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Медицинон кусджытæ исын райдыдтой фæдзæхстадон фиддонтæ
Категория:
Новости и СМИ