Мæздæджы районы фылдæр садзын райдыдтой халсартæ
«Цæгат Ирыстон хъуамæ йæхи дарын хъом уа халсартæй», ахæм хæс æвæры республикæйы разамынд. Уый тыххæй арæзт цæуынц æппæт хъæугæ мадзæлттæ. Зæгъæм, Мæздæджы районы зайын кæнынц Черри пъæмидортæ. Цæгат Ирыстонæн ацы мыггаг кæд ног у, уæддæр æй афæдзæй -афӕдзмæ фылдæр зæхкусджытæ садзынц. Мæздæджы районы хъæууон хæдзарады управленийы фермертæн æххуыс кæнынц. Аразынц сын консультацитæ. Ацы аз тыллæг цавæр рауад, уый тыххæй радзурдзæн Уазиты Зæлинæ. Апрелы кæрон ӕмӕ майы райдиан у æппæты хуыздæр рæстæг Черри мыггаджы пъæмидортæ ныссадзынмæ. Хорз тыллæг сисынæн хъæуы хъæздыг зæхх. Ныссыгъдæг кæнын æй хъæуы хъамылæй, уый фæстæ та бахуым кæнын. Ацы хæдзарады пъæмидортæ ахсынц 40 гектары. Алы къудзимæ дæр дзы хибарæй дон цæуы ӕртахгай. Хæрдзтæ афтæмæй фылдæр рауайынц, фæлæ тыллæг та хъæздыгдæр. Асджиагдæр у, цæмæй уа хорз боныхъæд. Ацы аз фермертӕн сӕ хъуыддаг нӕ фӕрӕстмӕ. Пъæмидортыл иу хатт их æруарыд, уæдæ хус рæстæг кæй ахаста, уый дæр сыл æвзæры 'рдæм фæзынд. Халсартæм раст куы зилай, уæд 1 гектарæй тыллæг сисæн ис 100 тоннæйы бæрц. Куыстытæ ӕххæст кæнынц 10 адæймаджы. Тыллæг фембырд кæнынц сентябры мæйы дæргъы. Æдæппæтæй дзы ис 3 мыггаджы. Цалынмæ иу фембырд кæнынц, уæдмæ иннæтæ срæгъæд вæййынц. Пайда фæкæнынц æфснайæн комбайнтæй. Фермертæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахджиагдæр у халсартӕ ауæй кæныны хъуыддаг. Цæгат Ирыстоны черри пъæмидорты мыггаг у ног. Фылдæр сæ ласынц сыхаг Кæсæг-Балхъарæй, уыимæ ма фæсарæнтæй дæр. Халсарты кæцыдæр хай аласынц хицæн адæймæгтæ. Егъау парти чи балхæна, ахæм адæймæгтæ нырма нæй. «Цæгат Ирыстон хъуамæ йæхи халсартӕй дарын хъом уа», ахæм хæс фермерты размæ сæвæрдта Битарты Вячеслав. Кæд ивгъуыд аз халсартæ садзынæн зæхх рахай кодтой 37 гектары, уæд ацы аз та 406. Ацы хъуыддаг къухы бафтыд республикон субсидиты руаджы. Æмткæй райсгæйæ, районы ис 245 фермерон хæдзарады. Республикæйы разамынды æххуысы тыххæй куы баззыдтой, уæд фылдæр зæхкусджыты бафæндыд халсарты куыст кæнын. Мæздæджы районы хъæууон хæдзарады управленийы фермертæн аразынц консультацитæ. Кæнынц сын æххуыс. Фидæны азы сӕ фӕнды халсартӕ фылдæр фæзуæттыл апарахат кæнын. Уазиты Зæлинæ, Дзаапарты Георгий. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Мæздæджы районы фылдæр садзын райдыдтой халсартæ
Категория:
Новости и СМИ