Алыбегты Эллӕ бабӕрӕг кодта Мӕздӕджы районы социалон объекттӕ
Кусæг балц райдадта Мӕздӕджы скъола-интернаты. Уазджытыл сӕмбӕлдысты космосон къласы ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ юнармионтæ. Сӕхӕдӕг сын экскурси скодтой. Фӕллойады кабинет цӕттӕ у кусынмӕ. Сывӕллӕттӕ дзы ахуыр кӕндзысты хуыйын. Алыбегты Эллӕ йӕхӕдӕг федта, машинӕтæ куыд кусынц, уый. Дарддӕр — спортивон зал. Бындуронæй йæ сцалцæг кодтой æмæ ныр сывӕллӕттӕ физкультурӕмӕ цӕуынц ӕхсызгондæрӕй. Декабры ма ӕмдзӕрӕн дӕр фæци ноггонд. 90-ӕм азты бӕстыхай бынтондæр фехæлд, фæлæ дзы ныртæккæ ис, цыдӕриддӕр хъӕуы, уыдон: райдзаст хуыссӕнуӕттӕ, хъазӕн бынæттæ, душтӕ, дарæсхусгӕнӕнтӕ. Интернаты иудадзыг цӕры 60 ахуыргӕнинаджы бӕрц. — Ныртӕккӕ сывӕллӕттӕн иттӕг хорз уавӕртӕ ис. Агъуыстыты цӕрынц 3, 4 кӕнӕ 5-æй. Райдиан скъолайы ахуыргӕнинӕгтӕ та — фарастгæйттæй. Уымӕ гӕсгӕ мӕ стыр бузныг зӕгъын фӕнды Алыбегты Эллӕйӕн æмӕ нæ республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйлойӕн. Скъолайы кусы Сывӕллӕтты хъӕппӕристы центр. Ам ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ бон у сӕ хъуыдытæ радзурын ӕмӕ сæ райрӕзын кӕнын. — Иумæ ӕрӕмбырд вӕййынц. Сӕ ног хъуыдытӕ сын иууылдӕр иумӕ царды уадзӕм. Сывӕллӕттӕ мӕм ӕрбацӕуынц сӕ фӕндтимӕ, ӕмӕ куыдфӕстӕмӕ се 'ппӕт дӕр сӕххӕст вӕййынц. Мӕздӕджы 108-ӕм скъола бахауд республикӕйы 30 хуыздӕры номхыгъдмӕ. Цыппӕрӕм аз фӕд-фӕдыл исы Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕджы грант. Ам ахуыр кӕны 700 сывӕллонӕй фылдӕр. Ахуырады министры хӕдивӕг Батырты Аслан сбӕрӕг кодта, ахуыры процесс куыд цӕуы, уый. Бацыд биологийы урокмӕ ӕмӕ ахуыргӕнинӕгты бафарста фидӕнмæ фӕндтӕй. Дарддæр — фæллойады, стæй райгуырӕн бӕстӕйы ӕдасдзинад ӕмӕ хъахъхъӕныны бындурты кабинеттæ. Министры хӕдивӕг кълӕсты ифтонггарзмӕ ӕркаст. Уый фӕстӕ базыдта, сывӕллӕттӕн хъарм хӕринаг куыд кæнынц, уый. — Скъола цӕттӕ хӕлц ӕлхӕны амалхъомтæй, бадзырдмӕ гӕсгӕ. Райдиан скъолайы ахуырдзаутӕ хӕрынц лӕвар. 5 къласӕй 11 къласмӕ та — льготон категоритæ. Меню саразæм алы 10 боны. Алцыдӕр, республикӕйы иннӕ скъолаты куыд у, афтӕ. Хицауады уæнгтæ уыдысты сывæллӕтты 4-æм рӕвдауӕндоны дæр. Ам цӕуы бындурон цалцӕг. Райдыдта сӕрды райдианы. Кусджытӕ райхæлдтой зӕронд къулсӕрст. Ныртӕккӕ та уӕлхӕдзар ивынц ӕмӕ ног коммуникацитӕ аразынц. Бæстыхай у 1913 азы амад. Æрвылаз-иу æй саив кодтой, бындурон цалцӕг та дзы никуы уыд. Хъомылгæнинæгтæ ныртӕккӕ рӕстӕгмӕ цӕуынц 34-ӕм рӕвдауӕндонмӕ. Дарддæр — Мӕздӕджы бӕстӕзонӕн музей. Байгом 1970 азы. Йæ сӕйраг фонды ис 17 мин экспонаты, наукон-ӕххуысгӕнӕг фонды та — 3 минӕй фылдӕр. Уый фӕстӕ — кусæг æмбырд Мӕздӕджы администрацийы. Ахуыргæнæндæтты разамонджытимæ вице-премьер æрдзырдта ахуырад, культурӕ ӕмӕ фӕсивӕды политикӕйы фарстатыл. Культурӕйы къабазы районӕн ис хорз æнтыстытæ. Мӕздӕджы библиотекӕты системӕ сси республикӕйы хуыздӕртӕй иу. Ныхас цыд райхалинаг фарстатыл дæр. Сергей Меняйлойы уынаффæмæ гӕсгӕ, ӕмбырды архайдтой алы министрадты минӕвӕрттӕ. Æмæ уый фарстатӕ тагъд лыг кӕнынӕн хъуамæ феххуыс уа. Ахӕм кусӕг балцыты алы районмæ дӕр цӕудзысты ӕдзух. Уый хорз ахады фарстатæ бынаты аиуварс кæныныл.
Название:
Алыбегты Эллӕ бабӕрӕг кодта Мӕздӕджы районы социалон объекттӕ
Категория:
Новости и СМИ