81 миллиард сомæй фылдæр рахай кодта чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады уавæр фæхуыздæр кæнынæн
Уæрæсейы хицауад 81 миллиард сомæй фылдæр рахай кодта чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады уавæр фæхуыздæр кæнынæн. Бардзырд равæрдтой хицауады официалон сайты. Æхцайы фæрæзтæ радих кæндзысты фæстауæрцгæнæн фондæй. Æдæппæтæй æххуыс райсдзысты 970 куыстуатæй фылдæр. Уыдон сты пандемийæйы рæстæг хъыгдæрд чи баййæфта æмæ мартъийы кусджыты 90% сæ куысты бынæтты чи ныууагъта, уыцы куыстуæттæ. Финансон æххуысæй адæмæн бафидæн уыдзæн сæ мызд дæр. Алы кусæгæн дæр æмбæлы 12 130 сомы паддзахадон фиддон. Субсиди райсынæн курдиат бадæттын ис Пост, кæнæ Федералон хъалонисæн службæйы сайтмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
81 миллиард сомæй фылдæр рахай кодта чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады уавæр фæхуыздæр кæнынæн
Категория:
Новости и СМИ