Тарскæйы полигоны цæуынц танкистты сæрмагонд ахуыртæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

6 лет назад

Тарскæйы полигоны цæуынц танкистты сæрмагонд ахуыртæ. Цæттæ кæнынц Æфсад-2021-æмы æркастмæ - Танкты биатлон кæй хонынц, уымæ. Æдæппæтæй дзы ерыс кæндзысты 1 мин æфсæддонæй фылдæр, танктыл чи бады, ахæм 330 къорды. Уыцы-иу рæстæг, ахуыртæм балæууыдысты æндæр регионты дæр - Хъырым, Дагестан, Цæцæн, Ростов æмæ Волгограды облæстты, стæй Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æфсæддон базæты. Танкты скъæрджытæ сæхи фæлварынц, æппæты зындæр цы трассæтыл цæуæн у, ахæм цæлхдуртимæ фæндæгтыл, къахт бынæтты, хидты сæрты æмæ рæмудзæн æрмæджытæй ифтонг фæзтыл. Уыимæ ма, танкты къордтæ æххæст кæнынц æхстытимæ хæслæвæрдтæ. Фыццаг æхсынц бынатæй, стæй та цæугæ-цæуын. Танкты биатлон ис Æппæтадæмон æфсæддон хъæзтыты хыгъды. Æвзарæн къæпхæн æфсæддон базæты райдайдзæн ног аз. Хуыздæртæ дарддæр сæ тыхтæ фæлвардзысты æфсæддон зылдты ерысты. Константин Алексеев, Хуссар æфсæддон зылды 2020-æм азы хуыздæр механик: «Ацы спорты хуызы бирæ фæзилæнтæ ис: адæймаг хъуамæ фыццаджыдæр физикон æгъдауæй хъæддых уа. Сармадзантæй ифтындзын, тæхын, гæппытæ кæнын - уыдæттæ иууылдæр уæззау хæслæвæрдтæ сты. Уымæй уæлдай ма хъуамæ алы æфсæддон дæр уæлдай къæрцхъусдæр уа. Къамадытæ гæппæввонгæй æххæст кæнынмæ цæттæ уай. Хорз вæййы иууылдæр куы æрæмбырд вæййæм, уæд. Хуыздæр æфсæддонтæ, хуыздæр танктæ скъæрджытæ, хуыздæр æхсджытæ. Æз фæнд кæнынц ацы ерысты ногæй бацархайын. Хъуамæ рамублон». _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Тарскæйы полигоны цæуынц танкистты сæрмагонд ахуыртæ

Категория:

Новости и СМИ