Иумæйаг паддзахадон фæлварæн 2020 æм азы дæтдзысты 7 сæдæ 36 мин рауагъдоны
Иумæйаг паддзахадон фæлварæн 2020-æм азы дæтдзысты 7 сæдæ 36 мин рауагъдоны. Фæлварæны сæрмагонд рæстæг ацæудзæн 3-æм æй 23-æм июльмæ. Уый тыххæй коронавирусы ныхмæ тох кæныны координацион советы æмбырды фехъусын кодта Уæрæсейы хицауады сæрдар Михаил Мишустин. Премьер-министр зæрдыл æрлæууын кодта ацы аз 9-æм æмæ 11-æм къласы ахуырдзаутæ аттестаттæ райсдзысты æнæ фæлварæнтæ ратгæйæ. Иумæйаг паддзахадон фæлварæны архайдзысты рауагъдонтæй уæлдæр ахуыргæнæндонмæ бацæуын чи хъавы, уыдон. 7 сæдæ 36 мин скъоладзауæй фылдæр. Михаил Мишустин куыд бафиппайдта, афтæмæй 29-æм æмæ 30-æм июны сбæрæг кæндзысты техникон системæйы цæттæдзинад. 24-æм æй 25-æм июлы та фæлварæн ратдзысты цавæрдæр аххосæгты тыххæй æм чи нæ сымбæлд, уыдон. Уымæй уæлдай ма 20-æм июнæй фæстæмæ рауагъдонтæн фадат ис сæ курдиæттæ дистанцион хуызы уæлдæр ахуыргæнæндонмæ бадæттынæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Иумæйаг паддзахадон фæлварæн 2020 æм азы дæтдзысты 7 сæдæ 36 мин рауагъдоны
Категория:
Новости и СМИ