Хæстæгдæр рæстæг Дзæуджыхъæуы райдайдзысты Терчы былгæрæтты аивгæнæн æмæ цалцæггæнæн куыстытæ
Велосипедты спортыл æнувыддæр кæнынæн сæрмагонд фæндæгтæ, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм улæфæн бынæттæ, алыхуызон арт объекттæ. Æппæт уыцы диссæгтæй нывæзт уыдзæн Терчы былгæроны фидæны фæлгонц. Рацарæзты пълан ныридæгæн фидаргонд æрцыд. Куыстытæ конд æрæудзысты республикон æмæ федералон бюджеты фæрзтæй. Бæлвырддæр нæ ддарддæры æрмæджы. Терчы былгæрон тагъд рæстæджы райсдзæн мæнæ ахæм хуыз. Дихгонд æрцæудзæн уаццагтыл. Фæзындзæн дзы алыхуызон тематикон зонæтæ. Фыццаг — велосипедтæн фæндаг. Адæргъвæтин уыдзæн Грибоедовы номыл уынджы онг. Километры фæзуатыл спортсментæн сæ бон уыдзæн тренировкæтæ кæнын æмæ ерысты архайын. Ардыгæй цæрджытæ афтдзысты нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм хи ирхæфсæн бынатмæ. Æртыккаг хай та æппæты сæйрагдæр — культрон. Уымæй уæлдай-ма фæз саив кæндзысты алыхуызон арт-объекттæй. Дзырдæн зæгъæм, Нарты кадджыты хъайтарты сурæттæ, уыдоны хыгъды Терчы уылæнты астæу дойнагдурыл фæзындзæн донычызг æмæ ма ноджы æндæр аргъæутты алæмæты хъайтартæ. Проекты авторты фæнды республикæйы цæрджытæ æмæ уазджыты базонгæ кæнын бынæттон нывгæнджыты сфæлдыстадимæ. Сног кæндзысты Плиты Иссæйы номыл цыртдзæвæны алывæрстæ дæр. Ногæй дзы баивдзысты бандæттæ. Сæвæрдзысты дзы бырондæттæ. Фæзындзæн ма дзы цырагъы цæджындзтæ. Архитекторты хъуыдымæ гæсгæ ма Терчы былгæрон снысан кæндзысты фæз сæрмагондæй концерттæ æмæ фестивальтæн. Ацы мадзæлттæ саразынæн гæнæнтæ дæр ис. Дзæуджыхъæуы администраци æмæ республикæйы архитекторты цæдисы специалисттæ рацарæзты генералон пълан ныффидар кодтой. Тагъд рæстæджы куыстытæ райдайдзысты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv