Республикæйы районты сфæлдыстадон къордтæ цæттæ кæнынц «Амыраны рухс» ы фестивалмæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 лет назад

Хæдахуыр сфæлдыстадон къордты разамонджытæн сæ зонындзинæдтæ не ’вгъау кæнынц фестиваль «Амыраны рухс»-ы аразджытæ. Абон абалц кодтой Кировы районмæ. Театралон мадзалы райдианмæ нырма 2 къуырийæ фылдæр ис. Цæттæгæнæн мадзæлттæ сæ тæмæны бацыдысты. Кировы районы хæдахуыр сфæлдыстадон къордты разамонджытæн - сæрмагонд ахуыртæ. Фестиваль «Амыраны рухс»-ы архайджыты нымæц азæй-азмæ рæзы. Спектакльтæ æмæ театралон скъуыддзæгтæ раст куыд сæвæрын хъæуы? Музыкалон æгъдауæй хуыздæр цавæр уацмыс сфидаудзæн? Фарстатæ бирæ. Хæдахуыр къордтæн баххуыс кæнынмæ фестиваль аразджытæ алы хатт вæййынц цæттæ. Фестивалы фыццаг къæпхæн райдадзæн 11 мартъийы. Уæд æвзарæн тур райдайдзæн республикæйы районты. Архайджытæ ныридæгæн сæхи цæттæ кæнынц. Зæгъæм, Ираны скъолайы 7 æмæ 8 кълæсты ахуырдзаутæ урокты фæстæ кусынц сæ цæттæдзинадыл. Фестивалы архайынц æрвылаз. 2020 азы бацахстой фыццаг бынат. Ацы аз дæр сæ тыхтæ бафæлварынмæ сты цæттæ. Скъоладзауты ныхæстæм гæсгæ, цы равдыстытæ цæттæ кæнынц, уыдоны руаджы уæрæхдæр кæны театралон аивады дунемæ сæ фæндаг. Сывæллæттæ æмбарынц алы ныхасы арф хъуыды. Равдыстытæ аивадуарзджыты размæ рахæсдзысты ирон æвзагыл. Фæстивалы сæйраг нысан у архайджыты базонгæ кæнын æмæ сын бауарзын кæнын ирон драматурги. Сæйрагдæр та - æвзаг сафын ма бауадзын. Пелиты Сабинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Республикæйы районты сфæлдыстадон къордтæ цæттæ кæнынц «Амыраны рухс» ы фестивалмæ

Категория:

Новости и СМИ