Персаты Арнеллæйæн Мæскуыйы сарæзтой, йæ къæхтыл цæуын кæй фæрцы базондзæн, ахæм протезтæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 лет назад

Персаты Арнеллæ хъуамæ сахуыр уа хи къахæй цæуын. Уый тыххæй социалон хызæджы фехъусын кодтой йæ ныййарджытæ. Ныртæккæ сты Мæскуыйы, цæмæй чысыл сабийæн йæ протезтæ йæ къæхтыл абарой. Арнеллæйы мад æмæ фыд сæ разыйæ баззадысты - сывæллонæн сбæззыдысты иттæг хорз. Сæ фæрцы чызг хъуамæ йæ къахыл ауайа. Протезтæ æххуыс сты буары уæз сины стджытыл æмхуызонæй æруадзынæн. Ахъаз уыдзысты къахы раст æвæрдæн дæр, стæй фыццаг къахдзæфтæ акæнынæн. Сабийы ныййарджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй Арнеллæ йæхæдæг дæр цæттæ у ахæм ахсджиаг фæлварæнмæ. Ныртæккæ уал сахуыр раст лæууын, уый йын стыр æнтыст у. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, гыццыл чызг генетикон цауддзинадимæ кæй райгуырд. Цæмæй сдзæбæх уыдаид, уымæн ын хъуыд, йæ аргъмæ гæсгæ æмбал кæмæн нæй, ахæм хос скæнын. Бафидын ын хъуыд 151 милуан сомы, хос та йын æнæмæнг хъуамæ скодтаиккой йæ кары 2 азы размæ. Сывæллонæн баххуыс кæнынмæ се `вæрæн бахастой бирæ зындгонд адæм: артисттæ, спортсментæ, блогертæ, амалхъомтæ. Фæлæ æцæг хъысмæтхæссæн хорзæх чысыл чызгæн ракодта нæ номдзыд æмзæххон Гуыриаты Владимир. Цæмæй Персаты Арнеллæ цæра, уый тыххæй æцæг ирон лæг рауæлдай кодта 54 милуан сомы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Персаты Арнеллæйæн Мæскуыйы сарæзтой, йæ къæхтыл цæуын кæй фæрцы базондзæн, ахæм протезтæ

Категория:

Новости и СМИ