Абон Джыккайты Шамилыл сæххæст уыдаид 82 азы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

16 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

16 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

16 просмотров

5 лет назад

Поэт, драматург, филологон наукæты кандидат, Хетæгкаты Къостайы премийы лауреат, ирон литературæйы пехуымпар. Абон Джыккайты Шамилыл хъуамæ сæххæст уыдаид 82 азы. Йæ дзырды фарн Джыккайты Шамилæн фæбæрæг, скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. Æмдзæвгæтæ фыссын дæр уæд райдыдта. Йæ фыццаг уацмыстæ йын ныммыхуыр кодтой æрыгон поэтты æмбырдгонды 1962-æм азы. Уæдæй фæстæмæ Шамил райдыдта йæхи æмбырдгæндтæ уадзын. Уарзт æмæ фыдæх, ивгъуыд æмæ фидæн, кæстæр фæлтæр æмæ хистæр кар, хæлар æмæ знаг - уыдон иртасын æмæ сын æмбæлгæ аргъ кæныныл Шамил ахуыр кодта йæ алы рæнхъæй дæр. Уыдис 3 пьесæйы автор, йæ руаджы иронау сдзырдтой Шекспиры «Король Лир», Софоклы «Царь Эдип», Эдмон Ростаны «Сирано де Бержерак», стæй Лермонтов, Бёрнс æмæ Шиллеры уацмысты хъайтартæ. 1970-æм азæй куыста Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты. Уыд ирон филилоги æмæ журналистикæйы факультеты декан, фæстæдæр та `рлæууыд хицæн ирон филологийы факультеты сæргъы. Студенттæн уыд æнæфæцудгæ кады нысан, бирæты дзы сæвæрдта раст æмæ фæрнджын фæндæгтыл. Абон дæр æй йæ ахуыргæнинæгтæ мысынц. Джыккайты Шамиль цы стыр фæд ныууагъта ирон литературæйы, уымæн та мыггагмæ дæр байсысæн нæй. Йæ бирæ хæрзтæ йын сæ зæрдыл дарынц, æгæрон уарзтæй йæхæдæг кæй уарзта, уыцы Иры дзыллæтæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv