Зруджы аргъуан хæстæгдæр рæстæг райдайдзысты цалцæг кæнын
Зруджы аргъуан хæстæгдæр рæстæг райдайдзысты цалцæг кæнын. Нымад у, культурон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объектыл. Хауы федералон хæзнаты хыгъдмæ. Арæзтадон куыстытæ куыд цæудзысты, уый тыххæй ныхас кодтой Аланийы аргъуыды 1100 азы юбилейы фæдыл кадджын мадзæлтæ аразыны къамисы æмбырды. Куыстытæ фæнд кæнынц райдайын 15-æм августы. Абон арæзтадон компани снысан кодта доныбылгæрæттæ фидар кæныны пълан. Къуырийы фæстæ та – цалцæджы æппæт куыстыты фæтк дæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Зруджы аргъуан бахастой, Аланийы аргъуыды 1100 азы юбилеймæ цы объекттæ рацаразын хъæуы, уыцы хыгъдмæ. Уыцы хъуыддагæн рахай кодтой 74 милуан сомæй фылдæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Зруджы аргъуан хæстæгдæр рæстæг райдайдзысты цалцæг кæнын
Категория:
Новости и СМИ