Дзæуджыхъæуы сарæзтой æфсæддон-патриотон акци
90 скъоладзауы бацархайдтой æфсæддон-патриотон акцийы. Æхсæнадон организаци «Комсомол Осетии» сарæзта экскурси хæстон намысы бынæттæм. Фæсивæд сæ фæндаг акодтой Барбашовы фæзæй - Елхотты хъахъхъæнджыты номыл монументмæ. Алы архайæгæн дæр балæвар кодтой Кавказы хæстон архайды картæ. Уымæ гæсгæ сæ бон у бæлвырдæй базонын советон æфсæддонты æмархайд æмæ Кавказ бахъахъхъæныны тыххæй тохы æууæлтæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы сарæзтой æфсæддон-патриотон акци
Категория:
Новости и СМИ