Пандемийæйы рæстæг æдасдзинады мадзæлттæ æххæст кæнынц æхсæнадон транспорты шофыртæ
Пандемийæйы рæстæг æдасдзинады мадзæлттæ æххæст кæнынц æхсæнадон транспорты дæр. Маршрутон такситы шофыртæн æрвылбон аразынц медицинон æркаст, хæдтулгæйы салон кæнынц дезинфекци: ныссæрфынц хæцæнтæ, шофыры руль æмæ дуар. Шофырæн сбарынц йæ туджы æлхъывдад æмæ буары тæвд. Уыимæ ма сбæрæг кæнынц карз нозт хъæстæ у æви нæ, уый. Æхсæнадон транспорты хицæуттæ сидынц адæммæ медицинон гамхудтæ æмæ æрмкъухтæ дарын. Кæд бæлццæтты нымæц фæкъаддæр, уæддæр æхсæнадон транспорт эпидемиологон æгъдауæй у зæрдæхсаинаг бынат. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Пандемийæйы рæстæг æдасдзинады мадзæлттæ æххæст кæнынц æхсæнадон транспорты шофыртæ
Категория:
Новости и СМИ