Мызуры цæрджытæн радзырдтой мæгуырдзинадимæ тохы программæйы тыххæй
Цæгат Ирыстоны ацы аз йæ тыхы бацыд «Мæгуырдзинадимæ тохы» программæ. Уый руаджы республикæйы цæрджытæ алы къабæзты сæ бон у æххуыс райсын. Социалон контракт бафысгæйæ программæйы архайджытæ райсдзысты материалон æххуыс. Профилон ведомствæты специалисттæ фембæлдысты Мызуры цæрджытимæ. Уыртаты Маринæ хуыйын райдыдта йæ сабибонтæй. Уæд иу йæ куклатæн уæлæдарæс хуыдта. Стæй уæд скъолайы фæстæ райдыдта хуыссæны цъæрттæ æмæ уæлæдарæсыл архайын. Абон дæр йæ куыстыл у тынг æнувыд. Фæнды йæ йæ продукцийы хуызтæ фæфылдæр кæнын. Йæ уарзон куыст æххæстæй кæнынæн ныртæккæ Маринæйæн фадат нæй. Куыд зæгъы, афтæмæй хъуымæцтæ зынгæ фæзынаргъдæр сты. Афтæмæй та йын йæ куыстæн адæм стыр аргъ кæнынц. Маринæ цæры йæ фыртимæ. Сæхи дарынц цы бахуыйы, уый æххуысæй. Мæгуырдзинадимæ тох кæныны программæйы тыххæй куы фехъуыста, уæд уайтагъд сфæнд кодта дза бацархайын. Программæйы чи архайы, уыдонимæ бафыссынц социалон бадзырдтæ. Мызуры цæрджытæн бæлвырдæй радзырдтой цавæр хуызы райсæн ис æххуыс, ууыл. Программæйы руаджы бакусæн ис амалхъомдзинады рæзтыл. Уæд паддзахад радих кæны 250 мин сомы. Бизнес-план саразынмæ фæкæсынц амалхъомдзинадæн æххуысы фонды специалисттæ. Зæхх, кæнæ фосы куыст кæнын кæй фæнды, уыдонæн радих кæндысты 100 мин сомы бæрц. Уыимæ ма, программæйы фæлгæты æгуыст адæмæн фадат ис куыст ссарынæн дæр. Мызуры бафыстой 5 социалон бадзырды. Баст сты куыст ссарынимæ. Курдиæттæм кæсы сæрмагонд къамис. Цавæр гæххæтытæ сæмбырд кæнын хъæуы, стæй адæмы æппæт фæрстытæн дзуапп дæттынц социалон лæггæдты бирæвæрсыг центрты. Хуасдзауты Алинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Мызуры цæрджытæн радзырдтой мæгуырдзинадимæ тохы программæйы тыххæй
Категория:
Новости и СМИ