Дыгуры районы уыд Цæгат Ирыстоны хицауады æмбырд
Чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады райрæзт, паддзахадон æмæ национ программæтæ. Ахæм фарстатыл æрдзырдтой хицауады æмбырды Дигорайы. Амыдта йæ Тускъаты Таймураз. Бæстонæй фæнысан кодтой районы социалон-экономикон рæзт дæр. Хицауады сæрдары хæстæ рæстæгимæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз фембæлд Дыгуры районы бынæттон хиуынаффæйады разамонджытимæ. Ныхас цыд районы социалон-экономикон рæзтыл. Дыгуры районы ныртæккæ уæлдай цæстдард ис хъæууон-хæдзарадон къабазмæ. Ам фосы æмæ зæххы куыст чи кæны, уыцы амалхъомтæ сты 300-йы бæрц. Ахсджиаг фарстаты 'хсæн - чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады райрæзт. Бынæттон администрацийы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Цебойты Ацæмæз куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ныртæккæ районы фермертæ хаццоны райстой 590 зæххы хайы. 179 бынаты та рахай кодтой хуымгæндæн. Дыгуры район архайы федералон æмæ национ программæты дæр. Сæ фæлгæты арæзт цæуынц, социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм объекттæ. Зæгъæм, Дигорайы бындуронæй сцалцæг кодтой районы рынчындон æмæ музыкалон скъола. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv