Уæрæсейы адæмон артист Гæздæнты Булат бæрæг кæны йæ 85 азы юбилей
Абон йæ юбилей бæрæг кæны номдзыд музыкант- Гæздæнты Булат. Цæгат Ирыстоны адæмон инструментты паддзахадон националон оркестры аивадон разамонæгыл сæххæст 85 азы. Æрыгон фæлтæрæн у дæнцæгæн хæссинаг æмæ фæзминаг. Йе сфæлдыстадон фæндаг у цымыдисаг. Йæ музыкæ та зæрдæмæ хъары. Йæ алы фезмæлды дæр – музыкæ, рæсугъд æмæ зæрдæмæхъаргæ. Æвидигæ курдиаты хицау Гæздæнты Булат сфæлдыстадæн снывонд кодта йæ цард. Йæ музыкалон сисы бынæй цы уацмыстæ рацыд, уыдонæн фæивддзаггæнæн ницæимæ ис. Сты зæрдæмæдзæугæ. Рухс кæнынц уды рæбинагдæр къуымтæ. Гæздæнты Булат абон дæр райсы фæндыр йæ къухтæм, аивазы йын йæ тæнтæ, æмæ ивгъуыд азтæ йæ цæстытыл ауайынц. 5-аздзыд лæппуйæ йæ зæрдæмæ арф райста ирон фæндыр æмæ йæ уæгъд нал суагъта. Æрыгон лæппу райдиан кълæстæй фæстæмæ цагъта хихъæппæрисадон къорды. Скъола каст куы фæци, уæд бацыд ахуыр кæнынмæ Дзæуджыхъæуы музыкалон училищæмæ, дарддæр Мæскуыйы Гнесинты номыл музыкалон-педагогон институт. Афтæ Булатæй рауад дæсны музыкант æмæ дирижер. Сси Цæгат Ирыстоны радио æмæ телеуынынады комитеты адæмон инструментты оркестры разамонæг. Музыканты зæрдæ æхсайдта медицинæмæ дæр. Ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны медицинон академимæ. Фæлæ йæ каст нæ фæци. Раздæхт аивадмæ. Æхцондзинад аивадуарзджыты зæрдæтæн хæссы музыкæйæ. Булатæн фæндыр сси йæ хуыздæр хæлар. Йæ царды цин у. Æмæ йæ рæдауæй лæвар кæны адæмæн. Сæ зындгонд трио Реуазты Симæ æмæ Мыстулаты Иринæймæ та у музыкалон аивады классикæ. Фæндыр! Цал ирон адæймаджы къухты сфидыдта? Чи сæ банымайдзæн! Фæлæ хъандзал фæндырæй æндæр уадынгæрзтæн цæдисæмбал чи сарæзта, уый у æрмæстдæр, фæндыр æгæрон уарзтæй чи уарзы, уыцы Гæздæнты Булат. Фæндырæй уæлдай ма Булат сахуыр кодта фортепиано, балалайкæ æмæ домрæйыл цæгъдын дæр. Йæ фыццаг къахдзæфтæ, куыд педагог, афтæ райдыдта 1959 азы Дзæуджыхъæуы скъола-интернаты. Тагъд рæстæджы кусын райдыдта республикон музыкалон училищæйы. Байгом дзы кодта сæрмагонд кълас. Уый фæстæ ма амыдта аивæдта колледжы дæр. Чи сæ банымайдзæн абон, Гæздæнты Булаты къухæй цас дæсны фæндырдзæхдджытæ рацыд, уыдоны. Цас æмæ цас ирон фæсивæдæн бауарзын кодта фæндыр. Ныр уыдон фæллой кæнынц нæ бæстæйы алы къуымты. Цæгат Ирыстоны æмæ Уæрæсейы адæмон артист, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат Гæздæнты Булат. Кæд цард йæ кæнон кæны, уæддæр фæндырыл йæ зæрдæ нæ сивта. Абон исы арфæтæ йæ курдиатæн ын стыр аргъ чи кæны, уыдонæй. Музыкæ та йæ йæ зæрдæйы цæрдзæн æнустæм. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæрæсейы адæмон артист Гæздæнты Булат бæрæг кæны йæ 85 азы юбилей
Категория:
Новости и СМИ