«Ожившие картины», зæгъгæ, равдыст бацæттæ кодтой Беслæны 8 æм скъолайы ахуырдзаутæ
«Ожившие картины», зæгъгæ, равдыст бацæттæ кодтой Беслæны 8-æм скъолайы ахуырдзаутæ. Мадзалы снысан кодтой ирон адæмы ирддæр стъалы Хетæгкаты Къостайы 161-æм райгуырæн бонмӕ. Сывæллæттæ афæлгæсыдысты ирон литературæйы бындурæвæрæджы сфæлдыстадыл. Бацæттæ кодтой цымыдисаг экспозици. Ахуырдзаутæ Къостайы нывты бауагътой царды комы улæфт. Се `хсæн «Хъыггæнæг зæд», «Дондзау», «Дурсæтджытæ» æмæ æндæртæ. Равдысты архайдтой куыд хистæр кълӕсты ахуырдзаутæ, афтæ кæстæртæ дæр. Уымæй уæлдай ма сабитæн равдыстой йæ уацмыстæм гæсгæ ист мультипликацион нывтæ. Уæдæ скъолайы бæстыхайы фенæн уыд поэты музӕ Аннæ Поповайы æмæ йе 'ндæр зонгӕты сурæттæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Ожившие картины», зæгъгæ, равдыст бацæттæ кодтой Беслæны 8 æм скъолайы ахуырдзаутæ
Категория:
Новости и СМИ