Дзæуджыхъæуы админист. ныхас кодтой, Реданты дæлстанцæйы 1-æм февралы бæллæх цæй аххосæй æрцыд, ууыл
Дзæуджыхъæуы администрацийы ныхас кодтой, Реданты дæлстанцæйы 1-æм февралы бæллæх цæй аххосæй æрцыд, ууыл. Архайдтой дзы цалдæр дзуаппдæттæг ведомствæйы минæвæрттæ. Æмбырды куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ныр Муниципалон унитарон куыстуат «Дзæуджыхъæуы дондзæуæн хызты» исбонад ис Дзæуджыхъæуы администрацийы бæрны. Тæрхондоны ацы фарстайыл куыстой 3 азы дæргъы. Раздæр куыстуат 8 сæдæ милуан хæсимæ йæхи банымадта банкротыл. Республикæйы сæргълæууæг дзуаппдæттæг ведомствæйæн бахæс кодта ацы фарстайыл бакусын. Фыццаджыдæр уал, дондзæуæн системæйы рацарæзтыл бакусдзысты. Паддзахадон экспертизæ радта разыйы дзуапп. Бацæттæ кодтой проектон-сметон гæххæттытæ дӕр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 1 февралы Дзæуджыхъæуы цæрджытæ цалдæр сахатмæ баззадысты æнæ донæй. Уæд куыд рабæрæг, афтæмæй донцъирæнтæм электрон тых цы дæлстанцæйæ цыд, уый нал куыста. Бынатмæ атындзыдтой оперативон къорды уæнгтӕ. Бахъуыд сæ цалдæр сахаты, цæмæй дæстанцæйы куыст сног кæной. Аварийы аххосæгтæ ныр бæрæг кӕрӕг кӕныну Уæрæсейы техникон цæстдарды специалисттæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы админист. ныхас кодтой, Реданты дæлстанцæйы 1-æм февралы бæллæх цæй аххосæй æрцыд, ууыл
Категория:
Новости и СМИ