Милдзыхты Вячеслав фембæлд компани «Транс-Ойл»-ы разамонæг Вадим Капиевимæ
Милдзыхты Вячеслав фембæлд компани «Транс-Ойл»-ы разамонæг Вадим Капиевимæ. Æрдзырдтой трамвайы фæндæгтæ раивыны фарстатыл. Организациимæ контракт бафыстой афæдзы кæронмӕ, фæлæ куыстытæ, пъланмæ гæсгæ, фæуыдзысты сæрды. Цæмæй цæрджыты боныгон ма хъыгдарой, уый тыххæй объекттæм æрмæг ласдзысты æхсæвыгон дæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ныридæгæн куыстытæ кæй райдыдтой. Фыццаджыдæр трамвайы фæндæгтæ ивд æрцæудзысты Къостайы проспектыл, стæй Байаты Чермен æмæ Байаты Гаппойы уынгты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv