Дзæуджыхъæ уы арæзт æрцыд Константин Хабенскийы фонды хъæппæрисæй семинар
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд Константин Хабенскийы фонды хъæппæрисæй семинар. Йæ сæйраг темæ - нейроонкологи. Пандемийæйы уавæртæм гæсгæ ацыд дыууæ къæпхæнæй. Йæ фыццаг бон уыд онлайн хуызы конференци. Сæ лекцитимæ раныхас кодтой Мæскуыйы раззагдæр нейроонкологтæ. Йæ трансляцимæ кастысты 150 дохтыры Цæгат Ирыстонæй. Уыдон цымыдисæй хъуыстой æмæ ахсджиаг фæрстытæ лæвæрдтой. Семинары дыккаг бон уыдзысты дæсныйадæвдисæн ахуыртæ. Нейроонкологийы эксперттæ бæстон равзардзысты сывæллæтты низимæ баст клиникон цаутæ. Медиктæ æмæ студенттæн уыцы ахуырты ис лæвар бацархайыны бар. Ахæм ахуыртæ сын сæ профессионалон æмвæзад бæлвырд фæуæлдæр кæндзысты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv