РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй уыд аппаратон æмбырд
Цæгат Ирыстоны фыццаг хатт рабæрæг омикрон-штамм. Фæлæ ковид-стационартæм æххусагур чи фæсиды, уыдоны нымæц кæй къаддæр кæны, уый тыххæй ног арæнæвæрдтæ не снысан кодтой. Уый тыххæй фехъусын кодтой радон аппаратон æмбырды. Амыдта йæ регионы разамонæг Сергей Меняйло. Æрдзырдтой æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр. Дзæдзойты Фатимæ сыл афæлгæст сарæзта. Цæгат Ирыстоны дыууæ адæймагмæ рабæрæг омикрон-штамм. Кæд æнæниздзинадæн стыр зиан нӕ хӕссы, уæддæр адæймагыл æнцондæрæй хæцы. Ныртæккæ цы дельта-штамм у парахат, уымæн та йæ бæрæггæнæн фæкъаддæр. Ковид-стационартæм æххусагур чи фæсиды, уыдоны нымæц 22% фæкъаддæр. Уый хыгъд, поликлиникæты кæй дзæбæх кæнынц, ахæм рынчынтæ фæфылдæр сты. Сергей Меняйло бабар кодта, амбулаторон хуызы хи чи дзæбæх кæны, уыдонæн аккаг уавæртæ скæнын. Республикæйы сæйраг санитарон дохтыры амынддзинæдтæм гæсгæ, æдасдзинады домæнтæ фæлæмæгъдæр кæныны фадат нырма нæй. Сергей Меняйло куыд бафиппайдта, афтæмæй коронавирусы ног уылæнмæ рагацау хъæуы хи бацæттæ кæнын. Бахъуаджы рæстæг рынчынтæн уæлæмхасæн бынæттæ кæм фæзындзæн, уый хъуамæ уа бæлвырд. Тебиаты Сосланы ныхæстæм гæсгæ, медицинон академи æмæ колледж, раздæрау, цæттæ сты дохтыртæн æххуысы къух бадарынмæ. Æрдзырдтой туаггуыры станцæты фарстайыл дæр. Ныхас цыд æнæзмæлгæ мулк æмæ зæххыты номхыгъдыл дæр. Республикæйы сæргълæууæг бабар кодта хъуыддаг фæтагъддæр кæнын. Вице-премьер Æгъуызарты Мурат куыд фæнысан кодта, афтæмæй афӕдзы райдианӕй 60 000 объектæй хыгъдмæ хаст æрцыд 7 200. Йæ ныхæстæм гæсгæ, инвентаризацийы æппæтæй къаддæр бæрæггæнæнтæ ис Алагиры, Æрыдоны æмæ Горæтгæрон районты. Аппаратон æмбырды ма куыд суынаффӕ кодтой, уымӕ гӕсгӕ 2 боны фæстæ райдайдзысты бæрæг кæнын республикæйы карьерты уавæр. Уый тыххæй фехъусын кодтой регионы æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министрадæй. Прокуратурæимæ иумæ бынаты æркæсдзысты, бардæттæг гæххæттытæм. Уымæй уæлдай ма ӕркӕсдзысты, куыстыты гуырахст лицензимæ гæсгæ у, æви нæ. Сергей Меняйло бабар кодта, фыццаджыдæр, хъус æрдарын, цæугæдæтты донвæдты цы карьертæ ис, уыдонмæ. Басгæрст райдайдзæн Кантышевойæ, йæ архайд электрон тыхдæттæг телтæм хæстæг у. Дарддæр аппаратон æмбырды æрдзырдтой ахуырады фарстатыл. Ног ахуыры азмæ профилон министрад бакусдзæн республикæйы скъолаты инженерон æмæ медицинон кълæстæ байгом кæныныл. Ныртæккæ регионы ис 16 кадетон къласы. Куыд рабæрæг, афтæмæй сæ Дыгуры æмæ Æрæфы районы нæ байгом кодтой. Регионы разамонæг бабар кодта фарстайыл цыбыр рæстæгмæ бакусын. Алыбегты Эллæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй мæйы дæргъы скусдзæн сæрмагонд программæ. Йæ фæрцы ныййарджытæ исдзысты смс-хъусынгæнинæгтæ сæ сывæллæтты скъола кæнæ рæвдауæндонмæ райсыны тыххæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv