Рахизфарсы районы агроном Къадзаты Хасан ацы аз систа хъæздыг тыллæг
Цæгат Ирыстоны æххуыс кæнынц, амалхъомады фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдонæн. Уæлдай æргом здахынц аграрон къабазы архайдмæ. Уый тыххæй хъæууон-хæдзарады кусджытæн сæ бон у грант райсын дæр. Зæгъæм, Къадзаты бинонтау. Цы `хца сын радтой, уыдон бахардз кодтой хъæрмуат саразыныл. Ныр сæ продукци уæй кæнынц æгас республикæйы. Сæ къухы цы бафтыд, уый тыххæй радзурдзæн нæ уацхæссæг. Экологон æгъдауæй сыгъдæг халсартæ æрзайын кæнын. Ольгинскæйаг агроном Къадзаты Хасан ууыл архайы ныр цалдæр азы дæргъы. Йæ цæхæрадоны цы хъæрмуат ис, уым ныртæккæ тыллæг æмбырд кæны 4-æм хатт. Æрвылаз байтауы джитърийы мыггаг. Нæлгоймагæн йæ бæллиц къухы бафтыд гранты фæрæзты фæрцы. Къадзаты Хасан цы джитъритæ æрзайын кæны, уыдон æрмæст йæ хъæуы цæрджытæн нæ уæй кæны. Йæ продукцийæн æлхæнджытæ ис æгас республикæйы дæр. Тыллæг æмбырд кæнынц хъæууон-хæдзарадон кооператив «Арт»-ы дæр. Йæ кусджыты ныхæстæм гæсгæ, фаг хорз боныхъæд кæй нæ уыд, уый дæр æй нæ бахъыгдæрдта, æмæ нын нæ зæрдæтæ барухс кодта хæрзхъæд халсартæй. Валерий Куриловы ныхæстæм гæсгæ, рапс фидæны хортыдæн санитарæй уæлдай нæу. Йæ бынаты йын иннæ аз байтаудзысты мæнæу æмæ хъæбæрхор. Зæххы куыст кæнын кæй фæнды, уыдонæн Уæрæсейы расидтысты сæрмагонд программæтæ. Нæ республикæйы дæр сæ райрæзтыл архайынц. Æххуысы хуызтæй иу – грант. Хъæууон хæдзарады къабазы рæзтмæ республикæйы разамынд уæлдай æргом ‘здахы. Æххуыс кæнынц куыд зæххкусджытæн, афтæ æхсыр, дзидза, мыдыбындзытæ кæнæ та кæсæгдарыны куыст кæнын кæй фæнды, уыдонæн дæр. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ Ирыстоны алы цæрæгæн дæр йæ бон у дуканийы тæрхæджытыл фенын æмæ равзарын бынæттон, экологон æгъдауæй сыгъдæг продукци. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv