Уголовон агуырды службæйы равзæрды бон кадджын уавæры сбæрæг кодтой
Мидхъуыддæгты министрады историон музейы ацыд кадджын мадзал. Баст уыд уголовон агуырды службæйы равзæрды бонимæ. Бæрæг æй кæнынц 5-æм октябры. Уголовон агуырд нымад у пъæлицæйы оперативон дæлхайадыл. Йæ сæйрагдæр нысан та у фыдракæндтæ афойнадыл раргом кæнын, æбæрæгæй сæфт адæм æмæ фыдгæнджыты ссарын. Уый тыххæй ам кусынц адæм хъæддых миддунеимæ. Мадзалы службæйы ветерантæ дзырдтой цымыдисаг оперативон хабæрттæ. Арфæйы ныхæстæ сын ракодта Æппæтуæрæсеон пъæлицæйæгты ассоциацийы цæгатирыстойнаг регионалон хайады президент Марик Лейкин. Милицæйы дæлбулкъон йе ’мкусджыты схорзæхджын кодта зæрдылдарæн майдантæ «Уголовон агуырды 100 азы», «Советон милицæйы 100 азы» æмæ «Уæрæсейы пъæлицæйы 300 азы»-йæ. Уæрæсейаг пЬалицӕйӕгты æппæтадæмон ассоциацийы цæгатирыстойнаг регионалон хайады уæнг Моргуаты Чермены схорзæхджын кодтой Кады гæххæттæй. Пъæлицæ æмæ æхсæнады ’хсæн æууæнкджын ахастытæ цæмæй уа, уый тыххæй кусы фæсивæдимæ. Марик Лейкин, Æппæтуæрæсеон пъæлицæйæгты ассоциацийы цæгатирыстойнаг регионалон хайады президент: «Мах абон бæрæг кæнæм Уæрæсейы уголовон агуырды бон. Æрбамбырд стæм Мидхъуыддæгты министрады историон музейы. Службæйы ветеранты схорзæхджын кодтам «Уголовон агуырды 100 азы майдантæй. Ацы мадзал арæзт у дыккаг хатт. Фарон дæр ветеранты схорзæх кодтам майдантæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Кæд пенсийы сты, уæддæр сæ куыст нæ уадзынц. Æххуыс кæнынц адæмæн æмæ фæсивæдæн æхсызгонæй лæвар кæнынц сæ зонындзинæдтæ». _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уголовон агуырды службæйы равзæрды бон кадджын уавæры сбæрæг кодтой
Категория:
Новости и СМИ