Цæхæрадæтты æмхæларад «Хурзæрин» ы басыгъд электрон трансформатор
Цæхæрадæтты æмхæларад «Хурзæрин»-ы басыгъд электрон трансформатор. Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, трансформатор къуылымпыдзинæдтимæ рагæй кусы, фæлæ йæ баивын къухы не 'фтыд. Цæхæрадæтты æмхæларад «Хурзæрин»-ы цæрджытæ удаист фесты. Басыгъд электрон трансформатор. Районы хæдзæрттæ цæсты фæныкъуылдмæ æнæ рухсæй аззадысты. Бынæттон цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй трансформатор къуылымпытимæ рагæй куыста, фæлæ йæ баивын къухы не 'фтыд. Трансформатор кæй базгъæлдис, уымæ гæсгæ арты æвзæгтæ бæлæстыл атыхтстысты. Хъыгдæрд ничи баййæфта. Россети фæнд кæны Хурзæрины цæрджытæн баххуыс кæнын. Ныртæккæ кусынц æмхæларады хуызæгтæ баиу кæныныл. Уый тыххæй хъæуы æмхæларады разамынды æмæ энергообъектты хицæутты разыйы дзуапп. Хурзæрины цæры мин адæймагмæ æввахс. Цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй трансформатор дыууæ хатты асаст. Рухсимæ къуылымпыдзинæдтæ амы цæрджытæ арæх ӕййафынц. Ныртæккæ адæм сæ зæрдæ дарынц, ацы фарста иуварсгонд кæй æрцæудзæн, ууыл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæхæрадæтты æмхæларад «Хурзæрин» ы басыгъд электрон трансформатор
Категория:
Новости и СМИ