Сергей Меняйлойы разамындæй ацыд аппаратон æмбырд

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

9 просмотров

5 лет назад

Ног азы бæрæгбæтты рæстæг Цæгат Ирыстоны æнæнхъæлæджы цаутæ не 'рцыд. Уый тыххæй фехъусын кодтой аппаратон æмбырды. Амыдта йæ республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Ныхас цыд эпидемиологон уавæрыл дæр. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадæй куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ныртæккæ ковид-госпиталты ис 545 адæймаджы. Дарддæр, ахуырады фарстатыл дзургæйæ, профилон министрады разамындæн бабар кодтой сывæллæтты рæвдауæндæттæм электрон радыл бакусын, цæмæй уый фæстæ фарстайы къуылымпыдзинæдтæ ма сæвзæра. Къуырийы дæргъы коронавирус кæмæ рабæрæг, уыдоны нымæц фæкъаддæр 2,3%. Ацы азы фыццаг аппаратон æмбырд райдыдта эпидемиологон уавæрæй. Сергей Меняйло фæнысан кодта, Цæгат Ирыстоны 4 медицинон уагдоны туаггуыры станцæты арæзтад афойнадыл кæй нæ цæуы, уый. Æмбырды æрдзырдтой инвестицион проекттыл дæр. Сергей Меняйло дзуаппдæттæг ведомствæтæн бабар кодта алы проекты сæрмагонд пъланыл бакусын. Фæнысан дзы кæнын арæзтады æмгъуыд æмæ лыггæнинаг фарстатæ. Регионы разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, Дзæуджыхъæуы хиирхæфсæн бынæтты арæзтад дæр фæтагъддæр кæнын хъæуы. Æрдзырдтой ма бæхты театр «Нарты»-йы уавæрыл. Йæ рацарæзтæн фарон республикæйы бюджетæй рахай кодтой 400 милуан сомы, фæлæ йæ техникон проект нырма цæттæ нæу. Дарддæр ахуырады къабазы фарстатæ. Ног ахуыры азы Цæгат Ирыстоны астæуккаг ахуыргæнæндæтты фæзындзæн хъæууон хæдзарады къабазимæ баст ахуыртæ. Уый тыххæй фехъусын кодта Алыбегты Эллæ. Уымæй уæлдай, иннæ аз байгом кæндзысты ног скъола 550 бынатæн Магкӕты Зурабы номыл уынгыл. Кæронбæттæны центрон æвзарæн къамисæй фехъусын кодтой, 16-æм январы Мичурины æмæ Дур-Дуры равзардзысты хъæуы хицауы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv