Курорт «Мамысон»-ы резиденттæн фæкъаддæр кæндзысты æфтиæгтыл хъалонæвæрды бæрц
Курорт «Мамысон»-ы резиденттæн фæкъаддæр кæндзысты æфтиæгтыл хъалонæвæрды бæрц. Ахæм закъоныпроект сфидар кодта Парламент. Хъалоны ставкæ фæкъаддæр кæндзысты 13,5% онг. Республикæйы экономикон райрæзты министр Томайты Хъазбег куыд фæнысан кодта, афтæмæй ныридæгæн бакуыстой 2 хъомысджын резиденты курдиæттыл. Куыст дарддæр æххæст кæнынц. Ахæм æххуыс кусдзæн 10 азы бæрц. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, организациты æфтиæгтыл хъалоны ставкæ у 20%, уыдонæй 17% цæуынц регионалон бюджетмæ, 3% та федералонмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Курорт «Мамысон»-ы резиденттæн фæкъаддæр кæндзысты æфтиæгтыл хъалонæвæрды бæрц
Категория:
Новости и СМИ