Коронавирусæй рынчынтыл суткæмæ бафтыд 40 адæймаджы
Коронавирусæй рынчынтыл суткæмæ бафтыд 40 адæймаджы Æдæппæтæй сæ нымæц у 6 338. Цæгат Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, республикæйы дзæбæхгæнæндæтты ис 496 адæймаджы. Уыдонæй Тагъд Æххуысы Клиникон Рынчындоны ис 462, COVID-мæ 8-æй, реанимацийы 43 адæймаджы, аппаратты фæрцы улæфынц 12-æй. Сывæллæтты Республикон Клиникон рынчындоны ис 20 сывæллоны æмæ 3 хистæр кары адæймаджы. 6 сывæллоны æмæ 3 хистæрмæ рабæрæг кодтой коронавирус. Рахизфарсы районы сæйраг рынчындоны та ис 11 адæймаджы. Тæссаг низ дзы никæмæ рабæрæг. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Коронавирусæй рынчынтыл суткæмæ бафтыд 40 адæймаджы
Категория:
Новости и СМИ