Дзæуджыхъæуы ацыд куыстдæттыны армукъа
Куыст чи агуры, уыдонæн хъæугæ æххуыс. Уыимæ амалхъомады хи чи фæлвары, уыдонмæ æргом раздахын. Ацы æмæ æндæр хъуыддæгты тыххæй журналисттæн радзырдтой республикæйы куыстдæттыны комитеты. Ӕххуысы мадзæлттæн сæ сæйрагдæр - армукъа. Куысты ныллæуыны гæнæнтæ дзы адæмы размæ рахæссынц республикæйы æмæ сыхаг регионты куыстдæтджытæ. Уыцы иу бынаты гæнæн вæййы цалдæр фадатмæ æркæсынæн. Фембæлды рæстæг ма æрдзырдтой куыстдæтджытимæ æмгуыстады фарстатыл. Арæх дзуаппдæттæг комитетимæ снысан кæнынц иумæйаг проекттæ æмæ сыл æнтыстджынæй бакусынц. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм уый, æмæ куыстдæттыны армукъа арæзт æрцæуы æрвылаз. Хыгъды слæууынмæ хъæугæ гæххæттытæ ис бадæттæн онлайн хуызы дæр социалон хызæгты руаджы. Лæггæдтæ сты лæвар. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы ацыд куыстдæттыны армукъа
Категория:
Новости и СМИ