Проектон офисы æмбырды æрныхас кодтой раззагдæр проекттæ æмæ программæтыл
Цæгат Ирыстоны фæзындзæн анестезиологи æмæ реанимацийы службæ. Сараздзысты йæ республикон клиникон рынчындоны бындурыл. Проектыл куыст куыд цæуы. Службæйы специалистты цæттæдзинады фарстайыл æрныхас кодтой проектон офисы æмбырды. Амыдта йæ Битарты Вячеслав. Республикон клиникон рынчындоны бындурыл арæзт анестезиологи æмæ реанимацийы службæйы проектон-хыгъдон гæххæтытæ цæттæ уыдзысты 17-æм апрелмæ. Дарддæр ацæудзысты сæрмагонд экспертизæ. Цæттæ у хъæугæ кусæнгæрзты хыгъд дæр. Самал сæ кæндзысты августы кæронмæ. Медицинон уагдоны уыдзæн 30 реанимацион бынаты. Дарддæр цæуы службæйæн специалисттæ цæттæ кæныны куыст. Дохтырты фыццаг къорд ахуыртæм арвитдзысты 15 апрелы фæстæ. Битарты Вячеслав фæнысан кодта, проект раззагдæр кæй у. Æмæ специалистты цæттæдзинад у уæлдай ахсджиаг. Регионалон проекты руаджы Цæгат Ирыстоны медицинон кусджытæ цалдæр азы дæргъы сæ фæлтæрддзинад уæрæхдæр кæнынц Уæрæсейы раззагдæр медицинон кусæндæтты. Цы зонындзинæдтæ райстой, уыдоны тыххæй дохтыртæ радзырдтой æмбырды архайджытæн. Се 'хсæн травматолог, хирург æмæ æндæртæ. Битарты Вячеслав сæ бафарста, сæ зонындзинæдтæ практикæйы хуызы сфидар кæнынæн сæ кусæн бынæтты фадæттæ ис, æви нæ, уый. Æмбырды архайджытæ ма æрныхас кодтой медицинон кусджыты социалон льготæтыл. Зæгъæм, коммуналон фиддонтæ, куысты æмбæлгæ уавæртæ саразыныл. Уыимæ ма, тагъд æххуысы дохтырты куыстадон фатертæй ифтонг кæнын, цæмæй сын дарддæр фадат уа приватизаци скæнын. Хъуамæ медицинон кусæг 10 азæй къаддæр ма кусæ. Июны Дзæуджыхъæуы ацæудзæн акушерон анестезиологтæ æмæ реаниматологты ассоциацийы форум. Ныр уал агурынц бæстыхай, мадзал саразынмæ. Форумы руаджы республикæйы медицинон кусджытæ сæ зонындзинæдтæ фæфылдæр кæндзысты. Хуасдзауты Алинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Проектон офисы æмбырды æрныхас кодтой раззагдæр проекттæ æмæ программæтыл
Категория:
Новости и СМИ