Зындгонд скульптортæ Дзанæгаты Чермен æмæ Зауырбеджы номыл равдыст

2 тыс. подписчиков

12+
12+

69 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

69 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

69 просмотров

3 года назад

Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы байгом зындгонд скульптортæ Дзанæгаты Чермен æмæ Зауырбеджы номыл равдыст. Экспозици арæзт у фыд æмæ фырты дæсгай зындгонд скульптурæтæ, нывтæ, стæй графикæйæ. Се сфæлдыстад сын фенӕн ис канд музейты нӕ, фæлæ ма хи коллекциты дæр. Дзанæгаты Чермены куыстыты 'хсæн — «Адæмты хæлардзинад», зæгъгæ, цыртдзæвæн Дзæуджыхъæуы. Арæзт у, Ирыстон Уæрæсеимæ барвæндонæй кæй баиу, уыцы цауимæ. Æрыдон æмæ Къостайыхъæуы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатыртæн цы цыртытæ ис, уыдон дæр Дзанæгаты Чермены къухӕй арæзт сты. Уæдæ республикæйы зындгонд адæймæгтæй дæр бирæты портреттæ сныв кодта. Дзанæгаты Зауырбег та уыд Беслæны теракты амæттæгтæн цыртдзæвæн «Хъыджы бæлас»-ы автортæй иу. Скульпторы зындгонд куыстытæй ма иу — Намысы Мемориал Дзæуджыхъæуы. Равдыст ахæсдзæн мæйы бæрц.

, чтобы оставлять комментарии