Мидхъуыддæгты министрады хатдзæгтæ скодтой сæ оперативон архайдæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

5 лет назад

Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады уыд коллегийы æмбырд. Амыдта йæ пъæлицæйы инæлар-лейтенант Михаил Скоков. Æмбырды хатдзæгтæ скодтой 2021-æм азы фыццаг 6 мæйы мгъуыды оперативон архайдæн. Фæнысан кодтой уæлдай бæстондæрæй цы фарстатæм æкæсын хъæуы, уыдонмæ. Бæлвырддæр та - фыдракæндты ныхмæ архайд æмæ æхсæнадон æдасдзинадмæ цæстдард. Æмткæй райсгæйæ республикæйы барадон уавæры æвзæры 'рдæм зынгæ ивдзинæдтæ не 'рцыд. Фæлæ уæддæр зæгъын хъæуы уый, æмæ фæфылдæр информацион-телекоммуникацион фæрæзтæй кæм спайда кодтой, ахæм фыдракæндты нымæц. Уыимæ арæх æмбæлынц хæдтулгæтыл нозджын шофыртæ дæр. Сæ нымæц фæфылдæр хæцæнгарзы æмæ наркотикты æнæзакъон зилдухы цаутæ дæр. Сæ архайды руаджы пъæлицæйæгтæ раргом кодтой фæдгæнджыты къордтæ кæй сарæзтой, ахæм 37 фыдракæнды. Михаил Скоков бабар кодта службæты æмæ дæлхайæдты хицæуттæн уыцы цауты нымæц къаддæр куыд кæна, ахæм куыст бакæнын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv