Боксæй дунейы экс-чемпион Гасситы Мурат фембæлд футболы академийы хъомылгæнинæгтимæ
Номдзыд боксер Гасситы Мурат фембæлд Дзæуджыхъæуы футболы академийы хъомылгæнинæгтимæ. Сæ ныхас рауад цымыдисаг æмæ зæрдиаг. Лæппутæ йæм лæвæрдтой алыхуызон фæрстытæ. Спортсмен дæр сын йæ уæлахизты сусæгдзинæдтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, раргом кодта. Тынг цымыдисæй лæппутæ хъусынц сæ уазæгмæ - профессионалон боксер Гасситы Муратмæ. Фæрсынц æй тренировкæтæ æмæ хæстыты тыххæй. Йæхи психологон æгъдауæй куыд бацæттæ кæны йæ ныхмæлæууæгимæ фембæлыны размæ, уыдæттæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, Мурат дæр сын зæрдиагæй дзуæппытæ дæтты. Æргом сын кæны йæ уæлахизты сусæгдзинæдтæ. Лæппутæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм спортивон информацийæн аргъ нæй. Сæ царды дзы, æнæмæнг, спайда кæндзысты. Футболы академи бабæрæг кæнын Мураты рагæй фæндыд, загъта спортсмен йæхæдæг дæр. Фæндыдис æй æвзонг футболисттимæ аныхас кæнын. Æмæ сæ фембæлд тынг цымыдисаг рауад. Уый пайда у канд академийы хъомылгæнинæгтæн нæ, фæлæ ма йæхицæн дæр, загъта Мурат. Сæ фембæлд цыд сахатæй фылдæр. Лæппутæ ма ныхас кодтаиккой, фæлæ уазæджы цæуын хъуыд. Фæсивæд ын скодтой зæрдылдарæн лæвар. Гасситы Мурат сын зæрдæ бавæрдта, кæй ма сæм æрбацæудзæн æмæ иумæ тренировкæ кæй скæндзысты, уымæй дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Боксæй дунейы экс-чемпион Гасситы Мурат фембæлд футболы академийы хъомылгæнинæгтимæ
Категория:
Новости и СМИ