Цъыккаты Владимиры уголовон хъуыддаджы фæдыл тæрхондоны æмбырд аргъæвтой
Цъыккаты Владимиры уголовон хъуыддаджы фæдыл тæрхондоны æмбырд аргъæвтой, азымджынтæй иуы адвокат æмбырд мæ кæй нæ сæмбæлд, уый аххосæй. Дарддæры æмбырд снысан кодтой 17-æм июньмæ. Бафтаудзыстæм ма уый, тæрхондоны æмбырдтæ бауырæдтой авд мæйы размæ. Уголовон хъуыддаджы æрмæджытæ арвыстой медицинон экспертизæйы бюромæ Мæскуымæ. Биологон æрмæджытæн иртæстытæ сарæзтой æндæр специалисттæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм 2015 азы 1-æм ноябры Цъыккаты Владимир пъæлицæйы хайадæй бахауд рынчындонмæ. Дыккаг бон реанимацийы амард. Цы бартæ сæм хауд, уымæй фылдæр спайда кæнгæйæ адæймаг кæй фæмард, уымæ гæсгæ азымджын кæнынц 10 пъæлицæйаджы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цъыккаты Владимиры уголовон хъуыддаджы фæдыл тæрхондоны æмбырд аргъæвтой
Категория:
Новости и СМИ