Дохтыр-терапевт Хацъæты Аланæ архайы программæ «Земский доктор»-ы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

«Земский доктор», зæгъгæ, программæ æххæст кæнынц Цæгат Ирыстоны. Йæ фæлгæты 26 дохтыры сæ куысты бынат раивтой республикæйы хъæутæм. Ам, программæмæ гæсгæ, бакусдзысты 5 азы. Хацъæты Аланæ сси Уæллаг Бирæгъзæнджы дохтыр. Амбулаторийы ныридæгæн кусы цалдæр мæйы. Сæумæрайсомæй фæстæмæ дохтыр-терапевт Хацъæты Аланæ лӕггад кӕны пациенттӕн. Алагиры районы рынчындонæй кусынмæ ацыд Уæллаг Бирæгъзæнджы амбулаторимæ. Программæ «Земский доктор»-мæ гæсгæ ныр ам фыдæбон кæны цалдæр мæйы. Куыд нын радзырдта, афтæмæй йæ куысты бынат кæй аивта, ууыл фæсмон нæ кæны. Хацъæты Аланæмӕ ацы дæсныйады ис 3 азы. Хъæуггаг дохтыр суæвын йæхи бафæндыд. Уый тыххæй курдиат балæвæрдта республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадмæ. Æнтыстджынæй ацыд конкурсы æвзарæн къæпхæн. Фидарӕй йæ зыдта, йæ кусыты мидӕг кæй сарæхсдзæн, уый. Уæдæ йæ ног бынатыл дæр уайтагъд фæцахуыр. Хацъæты Аланæ йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йын æппæты æхсызгондæр уыд пациентты зæрдæхæлардзинад. Цалынмæ хъæуы дохтыр нæ уыд, уæдмӕ-иу бынæттон цæрджыты бахъуыд медицинон аххуыс агурӕг цӕуын Алагиры сæйраг рынчындонмæ. Фæлмæнзæрдæ æмæ æххуысмæ алкæддæр цæттæ, афтæ дзурынц сæ ног дохтырæй пациенттæ. Сæ фарсмæ æрбалæууы, улæфæн бонтæ йын куы вæййы, уæд дæр. «Земский доктор», зæгъгæ, программæмæ гæсгæ Хацъæты Аланæ райста милуан сомы. Ныр 5 азы дæргъы кусдзæн хъæуы - уый у программæйы æнæмæнг домæн. Сæйрагдæр у проекты руаджы республикæйы хъæутæм дохтырты æргом раздахын. Ацы аз «Земский доктор»-ы архайы 26 медицинон кусæджы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дохтыр-терапевт Хацъæты Аланæ архайы программæ «Земский доктор»-ы

Категория:

Новости и СМИ