Заманхъулы скъолайы истори æмæ æхсæнадзонынады ахуыргæнæг фæуæлахиз номинаци «Педагогический дебют»ы
Сывæллæтты раст фæндагыл слæууын кæнын. Уды хъарм æмæ сын зонындзинæдтæ ма 'вгъау кæнын. Ахæм хъуыдыйыл хæст у æрыгон ахуыргæнæг Багаты Ибрагим. Æрæджы фæуæлахиз «Педагогический дебют», зæгъгæ, æркасты. Сывæллæттимæ кусынæй сабибонтæй фæстæмæ фæндыд. Йе 'стырдæр бæллиц сæххæст. Ныр афæдзæй фылдæр йæ хъарутæ не 'вгъау кæны Заманхъулы скъолайы ахуырдзаутæн. Дарддæр æм цавæр фæндтæ ис æмæ цавæр нысæнттæ вæры йæ размæ? Заманхъулы скъолайы истори æмæ æхсæнадзонынады ахуыргæнæг сси кады аккаг. Æрæджы æрыгон ахуыргæнæг хуыздæрты 'хсæн уыд «Педагогический дебют», зæгъгæ, конкурсы. Уæлахиздзауæй дзы сыздæхт. Багаты Ибрагим удуæлдайæ кусы йæ скъоладзаутимæ. Цы предмет амоны, уый сывæллæттæн у уарзон. У сын пайда. Ацы предметтæ Багаты Ибрагим скъоладзаутæн амоны афæдзы бæрц. Уымæй уæлдай ма кусы слестгæнæн комитеты дæр. Ныртæккæ у нæ бæстæйы слестгæнæн комитеты Мæскуыйы академийы магистрант. Бакуыста истори ахуыр кæныны хи курсыл. Амоны йæ Беслæны 6-æм скъолайы бындурыл. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, нымæцон технологитимæ хъуамæ æмдзу кæна адæймаг. Ацы æнтыстдзинадыл Багаты Ибрагим æрлæууынымæ нæ хъавы. Фидæны йæ фæнды ахуыр кæнын аспирантурæйы. Наукон-иртасæн куыстмæ та 'здахы уæлдай æргом. Фидарæй йæ уырны, ахæм æркастыты фæрцы ахуыргæнджыты зонындзинæдтæ фылдæр кæй кæндзысты, уый. Афтæмæй ахуыргæнджытæ уыдзысты æнтыстджындæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Заманхъулы скъолайы истори æмæ æхсæнадзонынады ахуыргæнæг фæуæлахиз номинаци «Педагогический дебют»ы
Категория:
Новости и СМИ