Хъæцмæзты Ацæмæз сси форум «Таврида» йы грантон конкурсы уæлахиздзау

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

Сæйраг нысан - сæвæрын спектакльтæ ахæм жанрты, кæцытæ нæ республикæйы аивадуарзджытæ нæма федтой. Щукины номыл институты рауагъдон Хъæцмæзты Ацæмæз сси форум «Таврида»-йы грантон конкурсы уæлахиздзау. Уым æрыгон режиссер равдыста театралон скъола "Паяци"-йы проект æмæ рамбылдта грант 350 мин сомы. Ныридæгæн театры артисттæ кусынц ног равдыстытыл. Студийы иу бон дæр дзæгъæлы нæ ацæуы. Йæ архайджытæ æппынæдзух уæлдæр кæнынц сæ дæсныйад. Театралон скъолайы ахуыртæ йæхи цæстæй федта Дзæдзойты Фатимæ. Ахæм цымыдисаг рауайынц Цæгат Ирыстоны аивæдты колледжы ахуыртæ. Актер, режиссер, педагог Хъæцмæзты Ацæмæзæн йæ цард æнæхъæнæй дæр у ирд сфæлдыстадон балц. Скъола каст куы фæци, уæд бацыди ахуыр кæнынмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты аивæдты факультетмæ. Уым 2 азы куы фæахуыр кодта, уæд ацыди æвзæрстытæ Борис Щукины номыл институтмæ Мæскуымæ. Æвзонг лæппуйы зæрдæйы бирæ фæндтæ ис, йæ сæйраг бæллиц у - нæ республикæйы аивадуарзджыты размæ рахӕссын, цы жанртӕ нӕма федтой, ахӕм спектакльтæ. Хъæцмæзты Ацæмæз «Мæн тынг фæнды, цæмæй мах сæйраг хъуыды райсой нæ сыхаг республикæтæ дæр - Кæсæг-Балхъар, Дагестан, Цæцæн, Адыгея. Цæмæй уыдонæн дæр сæ театрты фæзына ног жанртæ æмæ адæмы рæгъмæ рахæссой ахæм спектакльтæ, кæцытыл уым дæр нæма куыстой. Нæ спектакльтæ равдисдзыстæм, æмæ кæд пъланмæ гæсгæ ацæуой, уæд мæ зæрды ис байгом кæнын театралон скъола сабитæн дæр. Мæнмæ гæсгæ, уый хъæугæ хъуыддаг у.» Щукины номыл институты рауагъдонæн режиссеры куыст ног нæу. 2018 азы адæмы рæгъмæ рахаста Брытъиаты Созырыхъойы аргъаумæ гæсгæ æвæрд спектакль «Дзеджы фырт Дзег». Уый уыди йæ фыццаг куыст. Ныртæккæ архайы Астрид Линдгрены аргъау «Пеппи Длинныйчулок»-ыл, стæй Вильгельм æмæ Якоб Гриммы аргъау «Бременские музыканты»-йыл. Хъæцмæзты Ацæмæз «Мæнмæ бирæ хъуыдытæ ис. Фæнды мæ бакусын бирæ спектакльтыл. Уырыссаг уацмыстæй сæвæрин Александр Сухово-Кобылины пьесæ «Свадьба Кобылина», фæсарæйнаг классикæйæ бакусин Эдмон Ростаны пьесæ «Сирано де Бержерак»-ыл. Ирон уацмыстæй та Хуыгаты Георы «Чепена»-йыл.» Сæрды æрыгон режиссер бацархайдта форум «Таврида»-йы Ялтæйы. Уым Ацæмæз равдыста æртæ къæпхæнæй арæзт театралон скъолайы проект. Схуыдта йæ «Паяци». Проектмæ гæсгæ уал фыццаг театралон скъоламæ исдзысты архайджыты æмæ сæ ахуыр кæндзысты актеры дæсныйадыл. Дыккаг къæпхæныл цæттæ кæндзысты спектакль. Уый фæстæ та йæ равдисдзысты сценæйыл. Форумы грант райсынмæ сæ курдиæттæ балæвæрдтой 35 адæймаджы. Уыдонæй фæуæлахиз æрмæст авд. Се 'хсæн Хъæцмæзты Ацæмæз дæр. Афтæ райдыдта театралон студи «Паяци»-йы сфæлдыстадон фæндаг. Йæ архайджытæ сты Цæгат Ирыстоны аивæдты колледжы 3-аг æмæ 4-æм курсты студенттæ. Цæуы сыл 18 азæй 22 азы онг. Куыд зæгъынц, афтæмæй тынг фенхъæлмæ кæсынц алы ахуырмæ дæр. Мамытаты Миленæ «Нæ театралон студийы иу бон дæр дзӕгъӕлы нæ ацæуы. Æппынæдзух базонæм ногдзинæдтæ. Æмæ уый мæ зæрдæмæ уæлдай тынг цæуы. Дарддæр дæр кусдзынæн мæ дæсныйад уæлæр кæныныл.» Хъараты Максим «Аз ам мæ актеры дæсныйад фæуæлдæр кодтон, сахуыр кодтон акробатикæ, Базыдтон шпагӕимӕ архайын. Зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсын нæ спектакльты премьерæтæм.» Ныридæгæн æрыгон артисттæ цы спектакль цæттæ кæнынц, уый равдисдзысты Цæгат Ирыстоны оперæ æмæ балеты паддзахадон театры. Сæ зæрдæ дарынц, театрдзауты зæрдæтæм фæндаг кæй ссардзысты, уыуыл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хъæцмæзты Ацæмæз сси форум «Таврида» йы грантон конкурсы уæлахиздзау

Категория:

Новости и СМИ