Балтайы скъолайы байгом нымæцон æмæ гуманитарон ахуырады центр «Точка роста»
Балтайы скъолайы байгом нымæцон æмæ гуманитарон ахуырады центр «Точка роста». Ныр скъоладзаутæ нырыккон кусæнгæрзтыл ахуыр кæндзысты технологи, информатикæ, уыимæ ма, сæхи фæлвардзысты алыхуызон къордты. Центр бойгом кæнын каджын мадзалы архайдтой Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырды сæрдары хæдивæг Сæлбиты Зитæ, горæты ахуырады управленийы разамонæг Зинаида Ларионова æмæ æндæртæ. Нырыккон ахуырадон центртæ «Точки роста», зæгъгæ байгом сты Цæгат Ирыстоны хъæуты. Сифтонг сæ кодтой бæрзонд технологон авналæнтæй: компьютертæ, 3D-принтертæ, квадрокоптертæ, робототехникæ æмæ æндæртæй. Скъоладзаутæн ма фæзынд шахмæттæй хъазыны фадат æмæ царды æдасдзинады бындурон зонындзинæдтæ ахуыр кæнын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Балтайы скъолайы байгом нымæцон æмæ гуманитарон ахуырады центр «Точка роста»
Категория:
Новости и СМИ