100 бæласы талайæ ныссагътой Сапицкийы сæрмагонд акцийы фæлгæты
«Дæ номыл иу бæлас ныссадз» акцийы фæлгæты Сапицкийы ныссагътой 100 бæласы талайæ фылдæр. Йæ аразджытæ - бархионтæ æмæ Дзæуджыхъæуы цæрджытæ. Фидæны алы бæласыл дӕр æрцауындздзысты зæрдылдарæн фæйнæг. Акцийы сæйраг хæс - цъæхфæлыстæй адæмæн улæфæн бынæттæ саразын. Цæрджыты удæнцойæн Сапицкийы æрæджы фæзынд спортивон фæзуат тренажертимæ. Тагъд рæстæджы ам, гом арвы бын, фæзындзæн футболæй хъазынæн фæз. Фадат дзы уыдзæн волейбол æмæ теннисæй дæр хъазын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
100 бæласы талайæ ныссагътой Сапицкийы сæрмагонд акцийы фæлгæты
Категория:
Новости и СМИ