Уæрæсейы гвардийы цырдзастæй кæсæг сæрмагонд къордæн Цæгат Ирыстоны сарæзтой тактикон ахуыртæ
Уæрæсейы гвардийы цырдзастæй кæсæг сæрмагонд къордæн Цæгат Ирыстоны сарæзтой тактикон ахуыртæ. Управленийы ахуырадон центры службæгæнджытæ мæнг хъусынгæнинагмæ гæсгæ уацарæй суæгъд кодтой, террористтæ кæй æрцахстой, уыдоны. Спецназ бакуыста æфсæддон цæттæдзинадыл. Асинтæ штурмæн, траптæ æмæ сæрмагонд кусæнгарз -тренировкæ сарæзтой æцæгдзинадмӕ хӕстӕг уавæрты. Уæрæсейы гвардийы территориалон управленийы разамонæг Рæмонты Эльбрусы ныхæстæм гæсгæ, æппæт хæслæвæрдтæ дæр йæ дæлбар дæлхайæдтæ сæххæст кодтой бæрзонд æмвæзадыл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæрæсейы гвардийы цырдзастæй кæсæг сæрмагонд къордæн Цæгат Ирыстоны сарæзтой тактикон ахуыртæ
Категория:
Новости и СМИ