Цæгат Ирыстоны цæрджыты хæс бырон ласынæн 2021-æм азæн у 156 милуан сомы
Цæгат Ирыстоны цæрджыты хæс бырон ласынæн 2021-æм азæн у 156 милуан сомы. Регионалон оператор «ЭРА» куыд бафиппайдта, афтæмæй адæм лæггадæн куыд æмбæлы, афтæ нæ фидынц. Зæгъæм, фарон фиддонты бæрц уыдис 46%. Фылдæр хæс дарынц Æрыдон, Дыгур æмæ Кировы районтæ. Регионалон оператор «ЭРА», адæмы зын уавæр æмбаргæйæ, хæсджынтæн уæлæмхасæн фиддон нæ нысан кæны. Уыимæ ма бырон раласы хæсджынтæй дæр. Къабазы кусджытæ сидынц адæммæ, цæмæй цы лæггад исынц, уымæн фидой афойнадыл æмæ сӕ хæс ма фылдӕр кæна. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv