Дзанайты Барисы размындæй Дзæуджыхъæуы ацыд хицауады æмбырд
Республикæйы рæстæгмæ куыст кæмæн ссардтой, уыдонæн сæ бон уыдзæн æхцайы фæрæзтæй æххуыс исын. Уый тыххæй æрдзырдтой хицауады æмбырды. Ныхас цæуы фæсахуыр æмæ уæгъд рæстæг 14 азæй 18 азы онг цы фæсивæд кусынц, уыдоныл. Уыимæ 18 азæй 20 азы онг астæуккаг профессионалон ахуырад кæмæ ис, æмæ куыстагуыр чи у, уыдон. Рæстæгмæ куысты æмгъуыдмæ сын фиддзысты, æгуысты фæдыл адæймагмæ цы фиддоны æппынкъаддæры бæрц æмбæлы, уымæй иу æмæ 'рдæг, кæнæ дыууæ хатты фылдæр. Ныридæгæн йæ бæрц у 1 мин 500 сомы бæрц мæймæ. Уыимæ ма æрдзырдтой республикæйы эксплуатацийы афойнадыл лæвæрд чи не рцыд, уыцы социалон объекттыл. Регионы уæлæмхасæн фондæй æртæ ногарæзт рæвдауæндоны кæронмæ банывыл кæнынæн рахай кæндзысты 5 млн соммæ 'ввахс. Сæ иу ис Беслæны, иннæ дыууæ арæзт æрцыдысты Дзæуджыхъæуы. Дзанайты Барис куыд фæнысан кодта, афтæмæй скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæ хъуамæ арæзт цæуой æмбæлгæ фæткмæ гæсгæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv