Цæгатирыстойнаг ирвæзынгæнджытæ архайынц æппæтуæрæсеон ахуырты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

Донивылды рæстæг адæймаджы фервæзын кæнын, стæй бынæттон цæрджыты æрдзон зынгсирвæзтытæй бахъахъхъæнын. Цæгатирыстойнаг ирвæзынгæнджытæ архайынц æппæтуæрæсеон ахуырты. Не сфæлдытадон къорды уæнгтæ дæр уыдысты Алагиры районы. Æрымысгæ цаумæ гæсгæ, Æрыдон раивылд. Ахæм æнæхъæлæджы уавæры бынæттон цæрæг йæ къах ныццавта, æмæ йын æдас ранмæ рацæуын нæ бантыст. Ирвæзынгæнджытæ цæттæ сты æвæстиатæй баххуыс кæнынмæ. Спайдæ кодтой сæрмагонд бæлæгътæй дымст базтимæ, уымæн æмæ æнæ ахæмтæй хæххон уавæрты кусæн нæй. Хъыгдард цы нæлгоймаг баййæфта, уый сæвæрдтой бæлæгъы. Доныбыл та сæм æнхъæлмæ кастысты æвирхъау цауты медицинæйы дохтыртæ. Æппæт службæтæ дæр кусынц иумæйаг нысаныл архайгæйæ - адæймаджы цард бахъахъхъæнын. Уæдмæ нæлгоймаг дæр, медицинон æркасты фæстæ, æрвыст æрцыд рынчындонмæ. Ахуырты дыккаг хайы та цæугæдоны былгæрон фидар кæнынц сæрмагонд бырутæй. Уæвгæ, Цæгат Ирыстон нымад у, донивылдтытæй тæссаг кæм у, ахæм регионыл. Уавæр фæкарздæр вæййы тыхджын уарынтæ æмæ къæвдаты рæстæг, стæй хæхты цъититæ куыд тайдзысты, уымæ гæсгæ. Фидаргонд былгæрæттæ та бахъахъхъæндзысты фæндæгтæ æмæ цæрджыты хæдзæрттæ æвирхъау цауы фæстиуджытæй. Ахæм ахуыртæ арæзт æрцæуынц æрвылаз. Сæ руаджы ирвæзынгæнджытæ сæ тыхтæ бавзарынц, æмæ сæхи бацæттæ кæнынц æнæнхъæлæджы уавæры рæстæг архайынмæ. Цы аиппытæ рабæрæг вæййы сæ архайды, уыдоныл дæр, æнæмæнгæй, бакусныц. Райсом та, ахуырты фæстаг бон, ирвæзынгæнджытæ архайдзысты æрдзон зынгсирвæзтытæ иуварс кæныныл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгатирыстойнаг ирвæзынгæнджытæ архайынц æппæтуæрæсеон ахуырты

Категория:

Новости и СМИ