Цӕгат Ирыстоны ӕрымысыдысты фӕндаггон фыдбылызты амӕттӕгты
Цӕгат Ирыстоны паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ ӕппӕтуӕрӕсеон автомобилистты ӕхсӕнады регионалон хайады минӕвӕрттимӕ иумӕ ӕрымысыдысты, фӕндаггон фыдбылызты чи фӕмард, уыдоны нӕмттӕ. Ноябры ӕртыккаг хуыцаубоны ӕппӕт дунейы дӕр ӕрымысынц сӕ рухс нӕмттӕ. Ацы бон фӕндаджы архайджытӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынц, къӕрцхъус уӕвын кӕй хъӕуы, уый. Ӕппӕт дунейы дæр ӕрвылбон фӕндаггон-транспортон фыдбылызты фӕмард вӕййы 3 мин адӕймагӕй фылдӕр, 100 мин адӕймаджы та фӕвӕййынц цӕфтӕ. Уыдонӕн сӕ фылдӕр - фӕсивӕд. Цы мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцыд, уыдонӕй иу арӕзт ӕрцыд Дзӕуджыхъӕуы автомобилистты скъолайы. Инспектортӕ æмæ курсанттӕ автоскъолайы педагогтимæ иумӕ ӕрымысыдысты транспортон фыдбылызты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ ӕмӕ иу минут ӕдзӕмӕй алӕууыдысты. Уымӕй уӕлдай ма арвмӕ суагътой сау ӕмӕ урс тымбылæгтæ. Цӕгат Ирыстоны паддзахадон автоинспекцийы куыд фӕнысан кодтой, афтӕмӕй ацы мадзӕлттӕ ахсджиаг сты. Сӕ фӕрцы шофырты зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынц фӕндӕгтыл цӕугӕйӕ къӕрцхъусдӕр уæвыны фæтк. Уымӕй уӕлдай ма, уыцы бон паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сарӕзтой акци. Фӕнысан кодтой, фӕндӕгтыл цы фыдбылызтӕ ӕрцӕуы, уыцы цаутӕ. Дзӕуджыхъӕуы уынгты эвакуаторыл раластой цӕф хӕдтулгӕ, хъӕрӕйдзурӕнты фӕрцы та горӕты цӕрджытӕй домдтой, цӕмӕй фӕндагыл цӕуыны уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕной. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цӕгат Ирыстоны ӕрымысыдысты фӕндаггон фыдбылызты амӕттӕгты
Категория:
Новости и СМИ