Цæгат Ирыстоны ацыдысты ерыстæ кæсагахсæн спортæй
Хуыздæр кæсагахсæджы сбæрæг кодтой Цæгат Ирыстоны. Кæсаг ахсæн спорты хуызæй турнир ацыд Тарскæйы хъæуы. Ерыстæм æрцыдысты æппæт Уæрæсейæ спортсментæ. Сæ цæттæдзинад æвдыстой былгæронæй кæсаг ахсгæйæ. Турнир цыд дыууæ боны. Хатдзæгтæм гæсгæ, æппæтæй фылдæр кæсæгтæ æрцахста Мæскуыйы минæвар Татьяна Черкасова. Кæд æмæ ахæм ерыстæ Мæскуыйы дæр цæуынц, уæддæр сылгоймаг сфæнд кодта Ирыстонмæ рабалц кæнын. Куыд бафиппайдта, афтæмæй Ирыстонæн æндæр сты йæ бæстыхъæд æмæ фадæттæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv