Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдары хæдивæг Бокоты Эльбрус кусæг балцы уыд Алагиры районы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 просмотров

5 лет назад

Фыццаджыдæр вице-премьер æркаст хъармгæнæн куыстуæтты архайдмæ. Алагиры хъармгæнæн системæ хъæуы бындуронæй рацаразын. Ацы хъæппæрис сфидар кодтой федералон æмвæзадыл. Куыстытæ хæстæгдæр рæстæг æххæст кæнын райдайдзысты. Ныртæккæ горæты ис 25 хъармгæнæн куыстуаты. Иууылдæр сты цалцæггæнинаг. Æдасдзинады домæнтæм гæсгæ, ног хъармгæнæнты бæстыхæйттæ сараздзысты цæрæнуæттæй дæрддзæф ран. Районы дондзæуæн системæйы рацарæзты пълан дæр цæттæ у. Куыстытæ æххæст кæнын райдайдзысты ацы аз. Хæстæгдæр 3 азы ацы хъуыддагæн рахай кæндзысты 280 милуан сомы. Бокоты Эльбрус æркаст Тæмисчъы скважинæйы (ЦЪАССЫ) куыстмæ дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, донгуырæнæй уæлæмхасæн хуызы ис спайда кæнæн. Хицауады сæрдары хæдивæг ма бабæрæг кодта Алагиры скъолатæ. Куыд бафиппайдта, афтæмæй иууылдæр сты бындуронæй цалцæггæнинаг. Кусæг балцы рæстæг ныхас цыд горæтмæ бацæуæн æмæ æхсæнадон бынæттæм базилыны фарстатыл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv