Бутаты Алан кусы тагъд медицинон æххуысы станцæйы дохтырæй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

Тагъд æххуысы дохтыртæ кæддæриддæр цæттæ сты рынчынтæн баххуыс кæнынмæ. Рады уæвгæйæ сæ бахъæуы æппын къаддæр дæс рынчынмæ атагъд кæнын. Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар у æрыгон дохтыр, Бутаты Алан. Нырма цалдæр азы кусы, фæлæ йæ дæсныйадыл у æнувыд. Йæ фæлмæн ныхас æмæ лæмбынæг цæстдардæй йæхи бауарзын кодта куыд рынчынтæн, афтæ йе' мкусджытæн дæр. Тагъд æххуысы станцæйы куыст суткæмæ иу минут дæр не 'рлæууы. Специалистты иу фæлтæр ивы иннæйы. Æрыгон дохтыр Бутаты Алан фелсыримæ сӕхи цæттæ кæнынц рынчынæн баххуыс кæнынæн. Цалдæр минуты йеддæмæ сын нæй рæстæг. Уайтагъд бригад араст вæййы. Алан тагъд æххуысы станцæйы 3 азæй фылдæр кусы. Медицинон фæндаг йæхицæн райдиан кълæсты ахуыр кæнгæйæ равзæрста. Фыццаг уал медицинон колледжмæ бацыд. Стæй ма уæд дарддæр йæ профессионалон зонындзинæдтыл академийы бакуыста. Уæд Алан фæнд кодта гастроэнтеролог суæвын, фæлæ афтæ рауад æмæ бахауд тагъд æххуысы станцæмæ. Абон дохтыр зæгъы, зӕгъгӕ, хорз æмæ афтæ рауад. Пандемийæйы рæстæг Аланæн ӕмӕ йе 'мкусджытæн сæ куыст зынгæ фæфылдæр. Дохтыр йæхæдæг дæр фæрынчын коронавирусæй. Фæлæ, йе 'нæниздзинад куыддæр фæфидар, афтæ ногæй куыстмæ рацыд. Йæ профессионалон фæндаг Алан куы райдыдта, уæд æппынæдзух алцæй тыххæй дæр йæ хистæр æмкусджыты фарста. Цы рæстæг кусы станцæйы, уæдмæ Аланы базыдтой, куыд лæмбынæг специалист, афтӕ. Кæддæриддæр архайы йе 'мвæзад фæуæлдæр кæныныл. Адæмæн æххуыс кæнын Алан нымайы йæ царды стырдæр нысаныл. Кæд ацы фæндагыл æрæджы æрлæуыыд, уæддæр æй фидарæй зоны, йæ дæсныйадыл йæ зæрдæ кæй нæ сивдзæн. Йе 'стырдæр хорзæхыл та дохтыр нымайы нымайы йæ рынчынты æнæниздзинад. Хуасдзауты Алинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Бутаты Алан кусы тагъд медицинон æххуысы станцæйы дохтырæй

Категория:

Новости и СМИ