Дзæуджыхъæуы рухс федта скульптор Едзиты Сослæнбеджы хъысмæты тыххæй проект «Глыба», зæгъгæ
Медион арт-проект «Глыба» рухс федта. Снысан æй кодтой Цæгат Ирыстоны скульптурæйы бындурæвæрæг Едзиты Сослæнбеджы культурон хæзна бахъахъхъæнын. Скульптор райгуырд 1865 азы, Ходы. Куыста, адæмон сфæлдыстады традицитæ хынцгæйæ. Ахуыр кодта адæмон сфæлдыстад æмæ архайдта йæ райрæзтыл. Проект «Глыба»-йы æвдыст цæуы мастеры хъысмæт. Æвдисынц та йæ цымыдисаг аудио æмæ видеоæрмæджыты фæрцы. Проекты аразджытæ Дзабиаты Эльбрус, Хъæрджынты Ирæ æмæ Баскаты Ольгæ. Проект рухс федта «Президенты грантты фонд»-ы æххуысæй. Равдыст уыдзæн фенӕн 31 майы онг. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы рухс федта скульптор Едзиты Сослæнбеджы хъысмæты тыххæй проект «Глыба», зæгъгæ
Категория:
Новости и СМИ