Хабæрттæ // 2022 / 8 января
Цæгат Кавказы экономикон райрæзтæн хицауад рахай кæндзæн 7,5 млрд сомы. Уый тыххæй хъусын кæнынц Уæрæсейы хицауады пресс-службæ. Æргом цавæр къабæзтæм аздахдзысты, уый тыххæй чысыл фæстæдæр. Дзæуджыхъæуы епархи Цыппурсы бæрæгбоны фæдыл раарфæ кодта зын уавæры цы бинонтæ сты, уыдонæн. Се 'хсæн бирæсывæллонджын æмæ, йе 'нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, ахæм свæллæттæ чи хъомыл кæны, уыцы бинонтæ. Дзæуджыхъæуы сарæзтой ерыстæ хоккей æмæ къахдзоныгътыл аив бырынæй. Сæ арæхстдзинад ихыл равдыстой æрыгон фæлтæры минæвæрттæ. мадзал сарæзтой спорт æмæ æнæниздзинад парахат кæныны декадæйы фæлгæты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv